Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Хурзарин - чызджы сагъас | Текст песни

Pesni.guru - сайт для Гуру


Баталынги, хур фæсхохæй ахызти,
Хъæугæронæй зонгæ зарæг райхъуысти,
☺ Уый мæ уарзон æндæр чызгимæ рацæуы,
Судзгæ маст мæ сонт зæрдæйы нал цæуы. ☺ (2 хатты)

Ферохысты лæппуйы йæ ныхæстæ –
Фæззæджы кæй уыдзæнис нæ чындзæхсæв,
Баззадис мæ урс къухыл йæ къухдарæн,
Зæрдæйы та – карз сомытæ, удхарæн.

Фæлæ æз куыд ферох кæнон уыцы бон –
Уымæн æз куы райхæлдтон мæ рухс фæндон,
Загътон ын мæ цин æмæ мæ мастытæ,
Кастæн-иу ын комкоммæ йæ цæстытæм.

Кæд мæнæн цытæ дзырдтæй æцæг хуызæй,
Уыдон ныр фæкæныс ды æндæр чызгæн,
☺ Кæд мæныл фæхудыс ды æндæримæ,
Уæд дæуыл æрцæудзæнис мæ тæригъæд. ☺ (2 хатты)

Æз дæуыл нырмæ мæ зæрдæ не сивдтон,
Хъуамæ ма дыл иу ныхасмæ фембæлон,
☺ Раздæрау дæ стъалытимæ бардзынæн,
Æрмæст дæу тыххæй, зон, мæхи нæ мардзынæн. ☺ (2 хатты)



Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-