Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Колыбельные народов мира - Осетинская колыбельная (Авданы зараг) | Текст песни

Pesni.guru - сайт для Гуру

О мæ хъæбул, ахусс цæй,
Акæн акæн уал фынæй,
Фыны ды фæкæныс худгæ,
Стъалытимæ дзургæ-дзургæ.

Тæрхъусты фæуыныс ды,
Уæртæ хинæй дзаг гæды.
Мæнæ фесхъиуттай дæ фыны,
Чи зоны дæ маст фæбыры.

Тарст хуызæй кæдæм кæсыс,
Уе та бирæгъæй тæрсыс?
Уæд мæ гæбомæ тæхгæ,
Ма кæ алцæмæй тæрсгæ.

Акæн, акæн уал фынæй.
Уæлæ арвыл ратылд мæй,
Уый дæм ныр йæ дзæц ныкъулы,
Демæ цыма исты дзуры.

О мæ хъæбул ахуыс цæй
Акæн райсоммæ фынæй.


Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 2
Видео
Нет видео
-