Гуру Песен Популярное
А Б В Г Д Е Ж З И К Л М Н О П Р С Т У Ф Х Ц Ч Ш Э Ю Я
# A B C D E F G H I J K L M N O P Q R S T U V W X Y Z

Дигорский Женский вок.анс. - Песня пастуха(сл. и муз. Чермен Кодзаев) 24-10-85г | Текст песни

Pesni.guru - сайт для Гуру

Цъæх нæу хохыл стыр фосы дзуг
Цæгат фарсыл сабыр хизынц,
Фиййау зары йæ ног дзугыл,
Фæндыртæй йын мæргътæ цæгъдынц.

Фосы сæрмæ цæргæс зилы,
Хæлæггæнгæ фиййау йæм дзуры:
«Ехх, тæхуды, дæуæй куы фестин,
Уарзон чызджы ардæм æрхæссин.

Батухин æй хъарм нымæты,
Бамбæхсин æй урссæр мигъты,
Хъæлдзæг зарæг уымæн кæнин,
Булæмæргъ та ногæй фестин.

Барвитин æм минæвæрттæ,
Бахуийин ын урс разгæмттæ,
Чындзхæсджыты кафтæй, зардæй,
Ризиккой нæ Иры хæхтæ.

Рог сычъиты дугъы уадзин,
Бур æрсыты кафын кæнин,
Стыр Хъæриуæй Джимарамæ,
Гæпп кæниккой дзæбидыртæ.

{Ехх, куы уаид уыцы рæстæг,
Амондджындæр мæнæй нæ уаид,
Цин кæниккой мемæ иумæ,
Иры адæм, аланты бæстæ».} x2

Статистика страницы на pesni.guru ▼
Просмотров сегодня: 1
Видео
Нет видео
-